Иерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд мын раргом:
Мӕ размӕ апостол чи сси, уыдонмӕ нӕ ацыдтӕн Иерусалиммӕ, фӕлӕ ацыдтӕн Аравимӕ, уырдыгӕй та ӕрбаздӕхтӕн Дамаскмӕ.
Стӕй, ӕртӕ азы фӕстӕ, ацыдтӕн Иерусалиммӕ, цӕмӕй базонгӕ уон Кифӕимӕ; ӕмӕ йӕм фӕдӕн фынддӕс боны.
Иннӕ апостолтӕй, Хицауы ӕфсымӕр Иаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.