Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы сбон, уӕд иудейтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ нӕдӕр хӕрыны, нӕдӕр нуазыны тыххӕй. Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр. Уыдон бацыдысты алчертӕм, адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмӕ Павелы амарӕм, уӕдмӕ ком бадарыны тыххӕй. Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион арвитут ӕфсӕддон хицаумӕ Павелы райсом сымахмӕ ӕрхоныны тыххӕй, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не 'рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ». Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн. Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы». Уый лӕппуйы бакодта ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ахст Павел мӕм фӕдзырдта ӕмӕ куырдта, цӕмӕй дӕм ацы лӕппуйы ӕрбахонон; цыдӕр зӕгъинаг дын у». Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы мын зӕгъинаг дӕ?» Лӕппу дзуапп радта: «Иудейтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды. Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бадынц. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ нӕ бахӕрын ӕмӕ нӕ баназыныл. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у». Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн ӕй кӕй загътай, уый макӕмӕн радзур», ӕмӕ йӕ ауагъта. Ӕфсӕддон хицау басидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ. Павелӕн ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ йӕ бӕстӕйы хицау Феликсмӕ сӕрӕгасӕй куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ». Ныффыста ахӕм фыстӕг дӕр: «Клавдий Лисийӕ – бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у. Ацы адӕймаджы ӕрцахстой иудейтӕ ӕмӕ йӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕфсӕддонтимӕ, ӕмӕ ромаг гражданин кӕй у, уый куы базыдтон, уӕд ӕй байстон. Цӕмӕй йӕ азымджын кӕнынц, уый базоныны тыххӕй йӕ ӕркодтон сӕ синедрионмӕ. Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, сӕ Ӕгъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фарстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ хӕссынц. Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Иерусалиммӕ; сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.
Выбор основного перевода