Апостолтӕ Иерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы ныхасыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны.
Анани дзуапп радта: «Хицау, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Иерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон.