Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕрмӕст мын Сыгъдӕг Уд алы сахары дӕр фӕзӕгъы, мӕнмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахӕстон ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Агав нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейтӕ Иерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртатты къухтӕм». Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, сӕ Ӕгъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фарстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ хӕссынц. Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты цӕстытӕм. Иудейты къухӕй фондз хатты бавзӕрстон фӕйнӕ нудӕс ӕмӕ ссӕдз цӕфы; Ӕртӕ хатты мӕ фӕнадтой лӕдзджытӕй; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн; ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны уӕлӕ, арвыстон; Арӕх цыдтӕн балцыты; тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл; тӕссаг мын уыди абырджытӕй; тӕссаг мын уыди хи адӕмӕй; тӕссаг мын уыди муртаттӕй; тӕссаг мын уыди сахары; тӕссаг мын уыди ӕдзӕрӕг быдыры; тӕссаг мын уыди денджызы; тӕссаг мын уыди мӕнгӕфсымӕртӕй; Мӕ куыст уыди уӕззау; арӕх хуыссӕгӕй не 'фсӕстӕн; ӕййӕфтон стонг ӕмӕ дойны; арӕх мӕ гуыбын дӕр не 'фсӕстон; фӕрӕзтон уазал ӕмӕ бӕгънӕгӕн. Уыдӕттӕй уӕлдай мыл ӕвӕрд ис ӕппӕт аргъуантыл сагъӕсты ӕрвылбоны уаргъ дӕр.
Выбор основного перевода