Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Цы бакӕнӕм ацы адӕмӕн? Ӕцӕг диссаг кӕй равдыстой, уый Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕн зындгонд у, ӕмӕ йыл нӕ басӕттын нӕ бон нӕу. Савл ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?» Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ. Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд. Уыцы хабар бахӕццӕ Иерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ. Куы ӕрцыд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Хицауыл уой зӕрдиаг ӕмӕ ӕнувыд. Варнавӕ хорз лӕг уыд, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцыд бирӕ адӕм. Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыд Тарсмӕ Савлы агурӕг, ссардта йӕ ӕмӕ йӕ ӕрхуыдта Антиохимӕ. Ӕнӕхъӕн аз ӕмбӕлдысты аргъуанимӕ ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ. Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, кириниаг Луций, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл. Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?" Неппӕт дӕр ӕрхаудтам зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мын чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын". Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Хицау Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Хицауы сӕраппонд цы бакодтон, сымах мӕ уыцы фӕллой не стут, ӕви? Сеппӕты фӕстӕ, ӕфтыддагмӕ фӕзынӕгау, фӕзынди мӕнмӕ дӕр.
Выбор основного перевода