Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ Ӕз ракурдзынӕн Мӕ Фыдӕй ӕмӕ уын ратдзӕн, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕн, уыцы иннӕ Рӕвдауӕджы – Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц. Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ тынг ӕфхӕрын райдыдтой Иерусалимы аргъуаны уӕнгты. Ӕмӕ апостолтӕй фӕстӕмӕ сеппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудейӕ ӕмӕ Самарийы алы къуымты. Муртаттӕ дӕр Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты, уый фехъуыстой, Иудейӕйы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ Петр Иерусалиммӕ куы ӕрцыд, уӕд ын сунӕтгонд уырнджытӕ уайдзӕф кодтой: «Ды ӕнӕсунӕт адӕммӕ уыдтӕ ӕмӕ хордтай семӕ». Уӕд сын Петр райдыдта, хъуыддаг куыд рауад, уый тыххӕй бӕстон дзурын: «Ӕз куывтон Иоппийы сахары ӕмӕ мӕ цӕстыл ауад: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ. Ӕз ӕм ӕдзынӕг ныккастӕн, ӕмӕ дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ. Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр". Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Хицау! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди". Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай". Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ. Ӕмӕ уайтӕккӕ ӕртӕ лӕджы ӕрбалӕууыдысты, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты. Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕ гуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнилийы хӕдзармӕ. Корнилий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ". Ӕз дзурын куы райдыдтон, уӕд уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, раздӕр Дзы мах куыд схайджын стӕм, афтӕ. Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Иоанн донӕй аргъуыдта, сымах та аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй". Мах Хицау Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау цы радта, кӕд муртаттӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?» Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕн дӕр радта фӕсмон мыггагмӕ цӕрынӕн». Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы ныхас амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейтӕн. Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ кириниӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕн дӕр хъусын кодтой Хицау Йесойы фарны уац. Хуыцау сын лӕвӕрдта тых, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Хицаумӕ. Уыцы хабар бахӕццӕ Иерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ. Куы ӕрцыд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Хицауыл уой зӕрдиаг ӕмӕ ӕнувыд. Варнавӕ хорз лӕг уыд, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцыд бирӕ адӕм. Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыд Тарсмӕ Савлы агурӕг, ссардта йӕ ӕмӕ йӕ ӕрхуыдта Антиохимӕ. Ӕнӕхъӕн аз ӕмбӕлдысты аргъуанимӕ ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ. Ӕмӕ фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, ӕрвылбон ӕфтыд уырнджыты нымӕцыл. Уӕдӕ Чырыстиимӕ кӕй стут, кӕд уын уый ныфс дӕтты, кӕд уарзондзинад рӕвдауы сымах, кӕд уын Сыгъдӕг Удимӕ иудзинад ис, кӕд зӕрдӕхӕлар ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг стут, Уӕд ноджыдӕр бафтаут мӕ циныл: уарзут кӕрӕдзи ӕмхуызон, ут ӕмхъуыды, ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд. Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.
Выбор основного перевода