Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд уый Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн бакодтат, уӕд ӕй Мӕнӕн бакодтат". Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд уый ацы кӕстӕртӕй иуӕн нӕ бакодтат, уӕд ӕй Мӕнӕн нӕ бакодтат". Ӕз уын цы ныхас загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу". Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты. Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц. Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?" Неппӕт дӕр ӕрхаудтам зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мын чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын".
Выбор основного перевода