Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ды йын дзурдзынӕ, цы зӕгъын ӕй хъӕудзӕн, уыцы ныхӕстӕ. Ӕз та дӕуӕн дӕр ӕмӕ уымӕн дӕр дӕтдзынӕн ӕвзаг, ӕмӕ уын цы гӕнгӕ у, уый амондзынӕн. Уыдон иухатт Хуыцаумӕ куы куывтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕйы ӕмӕ Савлы». Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм. Бар ын куы радта, уӕд Павел, асиныл лӕугӕйӕ, адӕмӕн йӕ къухӕй бацамыдта, ӕмӕ куы ӕрсабыр сты, уӕд райдыдта дзурын дзуттагау: Агриппа загъта Фестӕн: «Фӕнды мӕ уыцы адӕймагмӕ байхъусын». Фест дзуапп радта: «Тӕккӕ райсом ӕм байхъусдзынӕ». Дыккаг бон, хъӕздыг арӕзтӕй ӕмӕ сӕрбӕрзондӕй, ӕрцыдысты Агриппа ӕмӕ Вереникӕ; ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ бацыдысты ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы. Агриппа загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын: Йесойы фӕрцы ӕз схайджын дӕн хорзӕхӕй – сдӕн апостол, Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты Хуыцауыл ӕууӕндынмӕ ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсынмӕ хонӕг. Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд Мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ фарны уац муртаттӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон. Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн фарны уац хъусын кӕнын, сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын Петрӕн куыд баргонд у, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ сунӕтгӕндтӕн Петры апостолӕй Чи сӕвӕрдта, мӕн дӕр муртаттӕн апостолӕй Уый сӕвӕрдта. Хуыцау Йӕ хъаруйы руаджы мӕнӕн кӕй ралӕвар кодта, Йӕ уыцы хорзӕхмӕ гӕсгӕ ӕз сдӕн лӕггадгӕнӕг – фарны уац хъусынгӕнӕг. Мӕнӕн, сыгъдӕджытӕй тӕккӕ къаддӕрӕн, рардӕуыд ацы хорзӕх – фарны уац Чырыстийы ӕгӕрон намысы тыххӕй муртаттӕм ӕрхӕссын, Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны сӕраппонд куы дзырдтон, уӕд мемӕ ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд! Фӕлӕ мӕм Хицау ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй фарны уац мӕ руаджы хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕ сеппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй ӕз раирвӕзтӕн домбайы дзыхӕй.
Выбор основного перевода