Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ тынг ӕфхӕрын райдыдтой Иерусалимы аргъуаны уӕнгты. Ӕмӕ апостолтӕй фӕстӕмӕ сеппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудейӕ ӕмӕ Самарийы алы къуымты. Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ. Савлӕн ныр дӕр ӕнӕуынон уыдысты Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса». Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Иерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты баппӕрстон ахӕстӕттӕм; мӕлӕты тӕрхон-иу сын куы хастой, уӕд-иу хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл. Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕгъатырӕй куыд ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат. Ӕрмӕст фехъуыстой, зӕгъгӕ, кӕддӕр сӕ чи ӕфхӕрдта, уый ныр, раздӕр йӕ фесафыныл кӕмӕн архайдта, уыцы уырнындзинады тыххӕй хъусын кӕны фарны уац.
Выбор основного перевода