Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕн уӕларвы. Хъалонисӕг та лӕууыди дӕрддзӕф, уӕларвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, фӕлӕ йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, ӕз тӕригъӕдджын дӕн". Павел дзуапп радта: «Ӕз иудей дӕн, киликиаг зындгонд сахар Тарсы гражданин. Курын дӕ, ратт мын адӕмимӕ ныхас кӕныны бар». «Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.
Выбор основного перевода