Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн. Ӕз ӕфхӕрдтон ацы фӕндагыл цӕуджыты, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сӕ ӕппӕрстон ахӕстонмӕ. Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не 'фсымӕртӕм, дамаскаг иудейтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Иерусалиммӕ. Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл, ӕмбисбонмӕ хӕстӕг, ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй. Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?" Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Уый мын загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Назаретаг Йесо дӕн". Ме 'мбӕлццӕттӕ федтой рухс [ӕмӕ сӕ тас бацыди], фӕлӕ мемӕ Дзурӕджы хъӕлӕс нӕ фехъуыстой. Уӕд ӕз бафарстон: „Хицау, цы гӕнгӕ мын у?" Хицау мын загъта: „Сыст ӕмӕ цу Дамаскмӕ – уым дын загъд уыдзӕни, Хуыцау дын цы саразын скарста, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй". Ӕз рухсы тӕмӕнмӕ кӕй бакуырм дӕн, уымӕ гӕсгӕ мын ме 'мбӕлццӕттӕ ныххӕцыдысты мӕ къухыл ӕмӕ мӕ ӕркодтой Дамаскмӕ. Иу лӕг, Анани, – Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейтӕм нымад, – Ӕрбацыди мӕнмӕ, ӕрлӕууыд мӕ фарсмӕ ӕмӕ загъта: „Ме 'фсымӕр Савл, дӕ цӕстӕй ракӕс". Ӕз уыйадыл ракастӕн мӕ цӕстӕй ӕмӕ йӕ федтон. Анани мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс. Ды Йын ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн ӕмӕ сын дзурдзынӕ, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый тыххӕй. Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ". Иерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд мын раргом: Федтон Хицауы, ӕмӕ мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй ам куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты". Ӕз загътон: „Хицау, уыдон зонынц, ӕз Дӕуыл ӕууӕндджыты кӕй ахстон ӕмӕ сӕ синагогӕты кӕй надтон, уый. Де 'вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз растыл нымадтон; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ". Хицау мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕм, арвитдзынӕн"». Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Иерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты баппӕрстон ахӕстӕттӕм; мӕлӕты тӕрхон-иу сын куы хастой, уӕд-иу хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл. Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл. Афтӕ уӕнгӕл мын уыдысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр. Уый тыххӕй алчертӕй райстон бар, ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ араст дӕн Дамаскмӕ. Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй тыхджындӕр чи уыди, мӕн ӕмӕ ме 'мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй. Неппӕт дӕр ӕрхаудтам зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мын чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын". Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Хицау загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн. Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ кусӕг, ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн. Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕй – Ӕз дӕ ӕрвитын уыдонмӕ, Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай". Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппа, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци. Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Иерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй. Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ.
Выбор основного перевода