Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ». Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сызгъӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын». Ӕмӕ Йесойыл ӕууӕндыны фӕрцы Йӕ ном сфидар кодта, сымах кӕй уынут ӕмӕ зонут, уыцы лӕджы. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ разы бынтондӕр сӕнӕниз кодта. Уӕд уеппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл лӕууы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй.
Выбор основного перевода