Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут. Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн». Иудейтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Мах Ӕй кӕм не ссарӕм, ахӕм ранмӕ кӕдӕм ацӕудзӕн? Бердзенты ӕхсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуыны ӕмӕ бердзенты ахуыр кӕныны фӕнд Ӕм нӕй, ӕви? Цы ныхӕстӕ загъта, уыдон цы амонынц: „Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут", ӕмӕ „Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн"?» Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ды ӕрыгон куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ рон дӕ астӕуыл дӕхӕдӕг ӕрбабастай, ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд айтындздзынӕ дӕ къухтӕ, ӕрбабӕтдзӕн дӕ ӕндӕр адӕймаг ӕмӕ дӕ акӕндзӕн, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнда, уырдӕм». Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цу». Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Хицау Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мӕ ацы буар кӕй хъуамӕ ныууадзон, уый.
Выбор основного перевода