Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон. Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыды йеддӕмӕ; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон». Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ. Йесо сын загъта: «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид, уӕд Мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз Хуыцауӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ардӕм ӕрцыдтӕн. Ӕз Мӕхи номӕй не 'рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Уый рарвыста. Ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдтай йӕ къӕхты бын». Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакодта, уӕд ын йӕ дӕлбар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта. Ныртӕккӕ та нӕма уынӕм, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар кӕй у, уый.
Выбор основного перевода