Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не 'рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты ссӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».
Чи у уӕлдӕр – фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын кӕстӕриуӕггӕнӕгау дӕн.
Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты – алы хорз хъуыддагмӕ дӕр ӕмхиц.