Не 'фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе 'фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис.
Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Хуыцауы уарзын», афтӕмӕй та йе 'фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой. Уымӕн ӕмӕ цӕстӕй кӕй уыны, йӕ уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, цӕстӕй Кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын.