Йесо загъта: «Бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ – Мӕ Рарвитӕгмӕ цӕуын.
Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут. Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Йесо сын ногӕй загъта: «Ӕз цӕуын, агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдимӕ. Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».