Фӕлӕ сымахӕй иуӕй-иутӕ не 'ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не 'ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕн, уый дӕр.
Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ сӕвзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».
Йесо афтӕ загъта Симон Искариоты фырт Иудӕйы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Иудӕ Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу уыдис, фӕлӕ Йыл фӕстӕдӕр рацыд гадзрахатӕй.