Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрцыди рӕстӕг, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм. Бацыди сӕм ӕртыккаг хатт дӕр, ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Ӕгъгъӕд у, ӕрцыди рӕстӕг. Мӕнӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм. Уӕд Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд. Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнавӕрӕны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд. Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ намысы афон. Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй. Ӕз Мӕ Фыдӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ. Ныр уадзын дуне ӕмӕ цӕуын Мӕ Фыдмӕ». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, ӕрхӕццӕ рӕстӕг. Намыс скӕн Дӕ Фыртӕн, ӕмӕ Фырт дӕр снамыс кӕна Дӕуӕн. Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй. Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не 'фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.
Выбор основного перевода