Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ намысы афон. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, ӕрхӕццӕ рӕстӕг. Намыс скӕн Дӕ Фыртӕн, ӕмӕ Фырт дӕр снамыс кӕна Дӕуӕн. Уымӕн ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, Уымӕн кӕй радтай, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард куыд ратта. Мыггагмӕйы цард та уый у, ӕмӕ Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де 'рвыст Йесо Чырыстийы куыд зоной. Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый саразынӕй Дӕ Ӕз снамысджын кодтон зӕххыл. Ӕмӕ Мӕ ныр, Мӕ Фыд, Ды дӕр снамысджын кӕн Дӕ разы, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Демӕ куы уыдтӕн, уӕд Мын цы намыс уыди, уымӕй.
Выбор основного перевода