Сымах алцӕмӕ дӕр хъуамӕ кӕсат Йесо Чырыстийы цӕстӕй:
Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕй хъӕстаг куы уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.
Муртатты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ цыма стут, уыйау уыл кӕд уыдон цъыф калынц, уӕддӕр уындзысты уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ӕрцӕуа, уӕд.