Уӕд Иудӕ Искариот, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, ацыди алчертӕм, цӕмӕй сын ауӕй кӕна Йесойы.
Хӕйрӕг бацыд, Искариот кӕй хуындӕуыд, уыцы Иудӕйы – дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы.
Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ сӕвзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».
Йесо афтӕ загъта Симон Искариоты фырт Иудӕйы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Иудӕ Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу уыдис, фӕлӕ Йыл фӕстӕдӕр рацыд гадзрахатӕй.