Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм». Бӕлӕгъы чи уыд, уыдон ӕрзоныгыл сты Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт дӕ». Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт». Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын». Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу Ӕй куы федтой, уӕд-иу Йӕ разы сӕхи аппӕрстой дӕлгоммӕ, ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Чырысти, Израилы Паддзах, ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй йӕ фенӕм нӕхи цӕстӕй ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ тыгъд чи уыд, уыдон дӕр Ӕй фаудтой. Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Дунемӕ Чи хъуамӕ ӕрцӕуа, Ды Хуыцауы уыцы Фырт Чырысти кӕй дӕ, уый мӕ уырны». Ӕмӕ райстой палмӕйы къалиутӕ, рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг – Израилы Паддзах!» Дыккаг псаломы куыд фыст у, афтӕ: „Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ".
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода