Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Петрыл ӕмӕ йе 'мбӕлццӕттыл та хуыссӕг фӕтых. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы намыс, ӕмӕ дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ. Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ намыс ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты. Уый у фарны уац Йӕ Фырты тыххӕй. Туг ӕмӕ стӕгӕй Уый уыди Давиды байзӕддаг, Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты, Фӕлӕ Йӕхӕдӕг Йӕхи сгӕвзыкк кодта – схайджын цагъары ӕрдзыхъӕдӕй, сси адӕймаджы халдих, ӕмӕ бакастӕй дӕр уыд адӕймаджы хуызӕн. Гуырысхойаг нӕу – нӕ уырнынады сусӕгдзинад егъау у: Хуыцау фӕзынд адӕймаджы буары, Чи у, уый равдыста Сыгъдӕг Уд, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном Ын фехъуыстой адӕмтӕ, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд намысджынӕй. Уӕдӕ хъӕбултӕ туг ӕмӕ стӕгӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары – хӕйрӕджы – ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ, Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода