Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: уыдонӕй фыццаг – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе 'фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Иаков ӕмӕ йе 'фсымӕр Иоанн, Ӕз дын зӕгъын: ды дӕ Петр, ӕмӕ уыцы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты. Сӕвӕрдта Симоны ӕмӕ йӕ схуыдта Петр; Петр, зӕгъгӕ, кӕй схуыдта, уыцы Симоны ӕмӕ уый ӕфсымӕр Андрейы, Иаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы, Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо бафарста Симон Петры: «Иоанны фырт Симон, уыдон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты». Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «У фыййау Мӕ фыстӕн». Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕртыккаг хатт ӕй «уарзыс Мӕ?» кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Хицау, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мӕ фысты. Ӕмӕ Йӕхи равдыста Кифӕмӕ, уый фӕстӕ та ӕппӕт дыууадӕс апостолмӕ дӕр.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода