Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уый уыди, Йӕ фӕрцы кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта. Уымӕн ӕмӕ арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: уӕларвон уӕлдӕр бынӕттӕ, хицӕуттӕ, ӕлдӕрттӕ, барджынтӕ – ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд. Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы. Абон та, рӕстӕджы кӕрон, немӕ дзырдта, дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр бындарӕй Кӕй сӕвӕрдта, Йӕ уыцы Фырты дзыхӕй.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода