Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Чи Йыл ӕууӕнды, уымӕн тӕрхон нӕй, чи нӕ Йыл ӕууӕнды, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыд Хуыцауы Иунӕг Фыртыл. Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасы цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ Кӕй руаджы систӕм, ахӕм Удӕй, ӕмӕ Йӕ фӕрцы хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уеппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут. Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый куыд зонат, афтӕ.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода