Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕмӕ Мӕ ныр, Мӕ Фыд, Ды дӕр снамысджын кӕн Дӕ разы, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Демӕ куы уыдтӕн, уӕд Мын цы намыс уыди, уымӕй. Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕ цы сгӕрстой, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн. Уымӕн ӕмӕ нӕм цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдмӕ чи уыд ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы царды тыххӕй. Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы. Йӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ Хуыцауы ӕмсӕр кӕд уыди, уӕддӕр нӕ ныххӕцыд, Хуыцауы ӕмсӕр кӕй у, ууыл. Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода