Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: дон ӕмӕ Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын йӕ бон нӕ бауыдзӕн. Адӕймагӕй райгуыры адӕймаг, Удӕй та райгуыры уд. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард – ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хорысӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн. Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы. Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд. Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды не 'фты, фӕлӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не 'ххӕссы.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода