Ӕппӕт израилаг адӕмӕн зӕгъут: ацы мӕйы дӕсӕм бон алчидӕр йӕ бинонтӕн дзугӕй хъуамӕ ӕрбакӕна иу уӕрыкк, алы хӕдзарӕн дӕр – уӕрыкк.
Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».
Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат: «Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ, ӕмӕ уӕрыччы куы фелвынынц, уӕд куыд ныссабыр вӕййы, афтӕ Дзы иу сыбыртт дӕр нӕ райхъуыст.
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сызгъӕринӕй нӕ,
Фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы – Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.