Иоанн Фырты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй зӕгъы: «Ай Уый у, ӕз афтӕ Кӕй тыххӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ Чи цыди, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди"».
Ай Уый у, ӕз афтӕ Кӕй тыххӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ цы Лӕг цӕуы, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыдис".
Иоанн йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: „Кӕуыл мӕ нымайут? Нӕ, ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕнӕ мӕ фӕстӕ ӕрцӕуы, ӕз Кӕй дзабыры бос райхалыны аккаг нӕ дӕн, Уый".