Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симоны, ӕмӕ йе 'фсымӕр Андрейы. Уыдон сӕ хызтӕ ӕппӕрстой денджызмӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсджытӕ уыдысты. Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ». Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ хызтӕ ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл. Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта Симоны йе 'фсымӕр Андреимӕ. Уыдон сӕ хызтӕ ӕппӕрстой денджызмӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсджытӕ уыдысты. Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ». Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ хызтӕ ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл. Йесо уырдыгӕй иуцасдӕр куы ауад, уӕд федта Зеведейы фырт Иаковы йе 'фсымӕр Иоаннимӕ сӕ хызтӕ бӕлӕгъы ӕмпъузгӕйӕ. Йесо сӕм уайтӕккӕ басидт. Уыдон сӕ фыд Зеведейы ӕмӕ ӕххуырст кусджыты ныууагътой бӕлӕгъы ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл. Уыцы рӕстӕг Йесо федта дыууӕ бӕлӕгъы цады лӕугӕ; кӕсагахсджытӕ рахызтысты бӕлӕгътӕй ӕмӕ ӕхсадтой сӕ хызтӕ. Йесо бахызт бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ йӕм бахатыди, былӕй иучысыл фӕхибар уӕм, зӕгъгӕ. Стӕй сбадт бӕлӕгъы ӕмӕ уырдыгӕй ахуыр кодта адӕмы. Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта Симонӕн: «Арфдӕр кӕм у, уырдӕм бацу, баппарут уӕ хызтӕ ӕмӕ ӕрцахсдзыстут». Симон Ын дзуапп радта: «Хицау, мах фӕтухӕн кодтам ӕгас ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ Дӕ ныхасӕй баппардзынӕн хыз». Хыз куы баппӕрстой, уӕд ӕрцахстой афтӕ бирӕ кӕсӕгтӕ, ӕмӕ суанг сӕ хыз скъуыйын райдыдта. Иннӕ бӕлӕгъы чи уыди, сӕ уыцы ӕмбӕлттӕм фӕтылдтой сӕ къухтӕ, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой ӕххуысмӕ. Ӕрбацыдысты сӕм ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг кодтой, ӕмӕ сын райдыдтой дӕлдон кӕнын. Симон Петр уый куы федта, уӕд ӕрхауд Йесойы уӕрджытӕм ӕмӕ загъта: «Ныууадз мӕ, Хицау, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн». Петры, стӕй йемӕ чи уыди, уыдоны сеппӕты дӕр стыр тасы бафтыдта, уыйбӕрц кӕсӕгтӕ кӕй ӕрцахстой, уый. Тас бацыди Симоны ӕмбӕлтты дӕр – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уӕд Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ». Дыууӕ бӕлӕгъы дӕр раластой былмӕ, ныууагътой ӕппӕт дӕр ӕмӕ ацыдысты Йесойы фӕдыл.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода