Уӕд Йесо Галилейӕ ӕрцыд Иорданмӕ, цӕмӕй Йыл Иоанн саргъауа.
Уӕд ӕрцыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы иннӕ фарс демӕ Чи уыд ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».
Ӕмӕ та ногӕй ацыд Иорданы иннӕ фарсмӕ, Иоанн раздӕр кӕм аргъуыдта, уыцы бынатмӕ ӕмӕ уым фӕци иуцасдӕр.