Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ноджыма иу хатт бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ мысырӕгты; уыйадыл фараон ауадздзӕн уеппӕты дӕр. Йӕхӕдӕг уӕ тӕрдзӕн ардыгӕй, рӕвдздӕр куыд ацӕуат, афтӕ. Фараон ӕхсӕвы басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут махӕй уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ израилаг адӕм дӕр; ацӕут, ӕмӕ куыд дзырдтат, афтӕ нывонд ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн. Куыд дзырдтат, афтӕ атӕрут уӕ фысвос ӕмӕ уе стуртӕ. Ацӕут ӕмӕ арфӕ ракурут мӕнӕн дӕр». Израилӕгтӕй домдтой сӕ зӕххӕй куыдтагъддӕр ацӕуын. Мысырӕгтӕ дзырдтой: «Науӕд неппӕт дӕр фӕцагъды уыдзыстӕм».
Выбор основного перевода