Фӕлӕ цагъартӕ кӕмӕ уой, уыцы адӕмы Ӕз бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдонӕй рацӕудзысты стыр мулкимӕ.
Ӕз сараздзынӕн афтӕ, ӕмӕ уыл мысырӕгтӕ ауддзысты: уырдыгӕй афтидармӕй нӕ рацӕудзыстут.
Алы дзуттаг сылгоймаг дӕр йӕ сыхаг ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕрӕг сылгоймагӕй ракурдзӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзаумӕттӕ ӕмӕ дарӕс; ӕмӕ сымах афтӕмӕй бастигъдзыстут мысырӕгты».
Хуыцауы фӕндӕй мысырӕгтӕ Йӕ адӕммӕ ракастысты хорз цӕстӕй; стӕй Моисейы ном дӕр Мысыры бӕстӕйы хъуыстгонд уыди, нымад лӕг уыд фараоны фӕсдзӕуинтӕм ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ.