Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы бон радзурут уӕ фырттӕн: „Мысырӕй нӕ кӕй ракодта, уымӕй Дунедарӕг махӕн цы хорз сарӕзта, уый номыл у ацы бӕрӕгбон“. Ӕмӕ уӕ райсом уӕ фырттӕ куы бафӕрсой: „Ай цы у?“, уӕд сын зӕгъут: „Хуыцау нӕ Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй. Фараон куы ныффӕрск ӕмӕ нӕ куы нӕ уагъта, уӕд мысыраг зӕххыл Хуыцау фӕцагъта ӕппӕт фыццаг гуырдты – адӕймагӕй фосмӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах Хуыцауӕн нӕ фосӕй нывонд хӕссӕм алы фыццаг нӕлы дӕр, ӕмӕ нӕ алы хистӕр фырты та ӕлхӕнӕм Хуыцауӕй“.
Выбор основного перевода