Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз уыцы ӕхсӕв ӕрзилдзынӕн Мысыры зӕххыл. Адӕймагӕй фосы онг амардзынӕн алы фыццаг гуырды дӕр. Ӕмӕ тӕрхон рахӕсдзынӕн ӕппӕт мысыраг хуыцӕуттӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн! Цы хӕдзӕртты цӕрут, уыдоныл туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз фендзынӕн уыцы туг ӕмӕ ацӕудзынӕн уӕ рӕзты; Ӕз бафхӕрдзынӕн мысыраг зӕхх, сымахыл та зиан не 'рцӕудзӕн. Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ сахуырста тугӕй, цӕмӕй хистӕр хъӕбулты марӕг ма бавнала израилӕгты хъӕбултӕм. «Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн». Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд знаггад нӕ кӕнын нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн.
Выбор основного перевода