Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фараонӕн йӕ фӕсдзӕуинтӕ загътой: «Ацы адӕмы тыххӕй кӕдмӕ удхарӕй мӕлдзыстӕм? Ауадз сӕ, уадз Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывонд. Мысыр кӕй сӕфы, уый нӕма уыныс, ӕви?» Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ноджыма иу хатт бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ мысырӕгты; уыйадыл фараон ауадздзӕн уеппӕты дӕр. Йӕхӕдӕг уӕ тӕрдзӕн ардыгӕй, рӕвдздӕр куыд ацӕуат, афтӕ. Моисей дзырдта: «Ӕмӕ уӕд дӕ фӕсдзӕуинтӕ сеппӕт дӕр ӕрцӕудзысты мӕнмӕ, сӕрӕй мын ӕркувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Ацу дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, раздзӕуӕг кӕмӕн дӕ, уыцы адӕм ӕгасӕй дӕр“. Уый фӕстӕ ӕз ацӕудзынӕн». Моисей фараонӕй рацыди мӕстӕлгъӕдӕй. Мысырӕй кӕй рахастой, уыцы хыссӕйӕ сфыхтой донгонд лауаситӕ; хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ ныккодтой, уымӕн ӕмӕ сын фӕстиаты амал нӕ уыд – мысырӕгтӕ сӕ ратардтой, ӕмӕ сын фӕндагмӕ сӕхицӕн суанг хӕринаг скӕнын дӕр нӕ бантыст.
Выбор основного перевода