Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куыддӕр ахицӕн сты, тӕккӕ уыцы бон, ӕхсӕвы, Дунедарӕджы ӕппӕт адӕм рацыдысты Мысыры зӕххӕй.
Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон – Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй, уӕ рацыды бон. Хуыцау уӕ Йе стыр хъаруйӕ ракодта уырдыгӕй, ӕмӕ ӕнхъызт хойраг хӕргӕ нӕу.