Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕ хӕдзӕртты авд боны ма уӕд ӕнхъизӕн; уымӕн ӕмӕ ӕнхъызт хойраг цы адӕймаг хӕра, уый фӕхъӕудзӕн Израилы адӕмӕй – ӕрцӕуӕггаг уа ӕви бынӕттон цӕрӕг. Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон – Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй, уӕ рацыды бон. Хуыцау уӕ Йе стыр хъаруйӕ ракодта уырдыгӕй, ӕмӕ ӕнхъызт хойраг хӕргӕ нӕу. Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ, ӕвдӕм бон та – бӕрӕгбон Дунедарӕгӕн. Донгонд дзултӕ хӕргӕ уын у уыцы авд боны; ӕмӕ уӕм ӕнхъизӕнӕй конд мацы разынӕд, уеппӕт зӕххыл уӕ цӕст ӕнхъизӕн ма фенӕд. Ӕз уын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон: Авивӕйы мӕйы авд боны хӕрут донгонд дзултӕ – уӕд рацыдыстут Мысырӕй. Ӕмӕ Мӕ размӕ афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд. Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бон. Ӕз уын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ Авивы мӕйы бӕлвырд рӕстӕг авд боны хӕрут донгонд дзул. Уымӕн ӕмӕ Мысырӕй Авивы мӕйы рацыдыстут. Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд. Уӕдӕ бӕрӕгбон сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлды ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ.
Выбор основного перевода