Адӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ алы нӕлгоймаг дӕр йӕ зонгӕ нӕлгоймагӕй, ӕмӕ алы сылгоймаг дӕр йӕ зонгӕ сылгоймагӕй ракура ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзаумӕттӕ».
Хуыцауы фӕндӕй мысырӕгтӕ Йӕ адӕммӕ ракастысты хорз цӕстӕй; стӕй Моисейы ном дӕр Мысыры бӕстӕйы хъуыстгонд уыди, нымад лӕг уыд фараоны фӕсдзӕуинтӕм ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ.