Ӕмӕ йыл адӕм баууӕндыдысты. Уыдон бамбӕрстой, Дунедарӕджы мӕт израилаг адӕмыл кӕй уыд ӕмӕ сын сӕ хъизӕмар кӕй федта, уый; ныллӕг Ын акуывтой ӕмӕ ӕрдӕлгом сты зӕххыл.
Куы йӕ хӕрат, уӕд уӕ дарӕс уӕ уӕлӕ, уӕ дзабыртӕ уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ уӕ къухты хъуамӕ уой. Архайут рӕвдздӕр ӕй бахӕрыныл – уый Куадзӕны нывонд у Дунедарӕгӕн.