Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты чидӕриддӕр рафауа, уымӕн уыдзӕни хатыр, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн. Ӕз Ӕй раздӕр фаудтон, зылдтӕн Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йӕ ӕфхӕрдтон, фӕлӕ мын ныббарстӕуыд, уымӕн ӕмӕ цы кодтон, уый не 'мбӕрстон – уыдтӕн ӕнӕуырнӕг. Уымӕн ӕмӕ иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын, Ӕмӕ уый фӕстӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц. Кӕд ӕцӕгад базыдтам ӕмӕ уӕддӕр зонгӕ-зонын тӕригъӕды бафтӕм, уӕд тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд нал уыдзӕн, Кӕд исчи йе 'фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.
Выбор основного перевода