Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мӕнӕн „Хицау! Хицау!" чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕстгӕнӕг бацӕудзӕн. Уыцы бон Йесо рацыди хӕдзарӕй ӕмӕ ӕрбадти денджызы был. Уыйас бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ Уый бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадт; адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон. Бирӕ сын амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй: «Мӕнӕ тауӕг рацыди тауынмӕ. Таугӕ-тауын иуӕй-иу нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой. Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты, сыджыт бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх арф нӕ уыд. Ӕмӕ хур куы скаст, уӕд сӕ басыгъта ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын уидаг нӕ уыд. Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, сындзытӕ сзадысты ӕмӕ сӕ ныххурх кодтой. Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл ӕмӕ радтой: иу – фондзыссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, аннӕ – дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!» Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Цӕй тыххӕй сын амоныс фӕсномыг ныхӕстӕй?» Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын сымахӕн лӕвӕрд у, уыдонӕн та лӕвӕрд нӕу. Кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн ӕмӕ йӕм уыдзӕни бирӕ; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, цы йӕм ис, уый дӕр. Фӕсномыг ныхӕстӕй сын уый тыххӕй дзурын, ӕмӕ уыдон „кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусынц, фӕлӕ сӕм нӕ хъуысы, ӕмӕ не 'мбарынц". Уыдоныл ӕрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ныддур, хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕхгӕдтой сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, хъусӕй ма фехъусой, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон". Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ – уынгӕ чи кӕны; ӕмӕ уӕ хъустӕ – хъусгӕ чи кӕны. Ӕцӕг уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ тӕхуды кодтой, сымах цы уынут, уый фенынмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ федтой; сымах цы хъусут, уый фехъусынмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фехъуыстой. Сымах та байхъусут, тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас цы амоны, уымӕ. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чидӕриддӕр фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, уымӕн йӕ зӕрдӕйы цы байтыдӕуыд, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон кӕй байтыдӕуыд, ахӕм нӕмыгау. Дурджын ран кӕй байтыдӕуыд, уый ахӕм у: фехъусы ныхас ӕмӕ йӕ уыйадыл цингӕнгӕ айсы йӕ зӕрдӕмӕ, Фӕлӕ ӕнӕуидаг у ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы, кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд ныууадзы йӕ уырнындзинад. Сындзыты ӕхсӕн кӕй байтыдӕуыд, уый та ахӕм у: фехъусы ныхас, фӕлӕ зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц ныххурх кӕнынц уыцы ныхас, ӕмӕ пайда нӕ ратты. Бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас ӕмӕ йӕ бамбарынц; ӕмӕ сӕ иу ратты фондзыссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та – дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр пайда». Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адӕймаджы хуызӕн. Адӕм куы бафынӕй сты, уӕд ӕрцыд йе знаг, мӕнӕуы ӕхсӕн байтыдта мӕгъӕлда ӕмӕ ацыди. Мӕнӕу куы равзӕрд ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд фӕзынд мӕгъӕлда дӕр. Хуымы хицаумӕ ӕрцыдысты йӕ цагъартӕ ӕмӕ йын загътой: „Хицау, дӕ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай, уӕд дзы мӕгъӕлда куыд фӕзынди?" Сӕ хицау сын дзуапп радта: „Уый знаг бакодта". Цагъартӕ йӕ бафарстой: „Фӕнды дӕ, уӕд мах ацӕуӕм ӕмӕ сӕ срӕдувӕм?" Фӕлӕ сын уый загъта: „Нӕ хъӕуы, мыййаг, мӕгъӕлдаимӕ мӕнӕу дӕр куы срӕдуват. Сӕ иуы дӕр ӕмӕ сӕ иннӕйы дӕр ныууадзут хуымгӕрдӕнтӕм. Ӕмӕ хуымгӕрдӕнты рӕстӕг ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: фыццаг ӕрӕмбырд кӕнут мӕгъӕлда, скӕнут дзы куыристӕ ӕмӕ сӕ басудзут; мӕнӕу та бафснайут мӕ хордоны"». Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, адӕймаг йӕ хуымы кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм ӕртӕхынц уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ йӕ къалиутыл саразынц ахстӕттӕ». Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау». Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо адӕмӕн дзырдта фӕсномыг ныхӕстӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхӕстӕй та сын ницы дзырдта. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый: «Дзурдзынӕн фӕсномыг ныхӕстӕй; фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыди, уый». Йесо ауагъта адӕмы ӕмӕ бахызти хӕдзармӕ. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Бамбарын нын кӕн фӕсномыг ныхас хуымы тыд хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй». Йесо сын дзуапп радта: «Хорз мыггаг тауӕг Адӕймаджы Фырт у. Хуым у дуне, хорз мыггаг – Хуыцауы Паддзахады хъӕбултӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та – хӕйрӕджы хъӕбултӕ. Хӕмпӕлгӕрдӕг байтауӕг знаг у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та – зӕдтӕ. Хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ арты куыд басудзынц, афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр: Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йӕ Паддзахадӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты, тӕригъӕды ӕфтыд чи уыди ӕмӕ иннӕты дӕр тӕригъӕды чи ӕфтыдта, уыдоны иууылдӕр; Ӕмӕ сӕ баппардзысты судзгӕ пецы. Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс. Уӕд рӕстытӕ хурау сӕрттивдзысты сӕ Фыды Паддзахады. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд! Уӕларвон Паддзахад у быдыры ныгӕд хӕзнайы хуызӕн. Адӕймаг ӕй ссардта, фӕстӕмӕ йӕ баныгӕдта, цингӕнгӕ ацыд, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ балхӕдта уыцы быдыр. Уӕларвон Паддзахад ма у хорз налхъуыт агурӕг сӕудӕджеры хуызӕн. Уый иу зынаргъ налхъуыт куы ссардта, уӕд ацыд ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта. Уӕларвон Паддзахад ма у, денджызмӕ кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызы хуызӕн дӕр. Хыз куы байдзаг, уӕд ӕй раластой былмӕ, стӕй ӕрбадтысты ӕмӕ кӕсӕгтӕн сӕ дзӕбӕхтӕ нывӕрдтой чыргъӕдты, ӕвзӕрты та аппӕрстой. Афтӕ уыдзӕни, дунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстытӕй Ӕмӕ сӕ баппардзысты судзгӕ пецы. Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс». Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды фӕнды, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уымӕн мыггагмӕйы цард куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн». Сымах та Мӕ хӕлӕрттӕ стут, Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йӕ Фырт уа фыццаггуырд. Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй чи ссыгъдӕг, уыдон иууылдӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йе 'фсымӕртӕ хонын Чырысти ӕфсӕрмыйагыл нӕ нымайы ӕмӕ зӕгъы:
Выбор основного перевода