Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ». Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Кӕд хӕдзары хицауы веелзевул схуыдтой, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви? Адӕм Ын уый фӕдыл загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?» Иудейтӕ Йын загътой: «Ныр мах зонӕм, Ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уый. Авраам дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты, Ды та зӕгъыс: „Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн". Уыдонӕй бирӕтӕ дзырдтой: «Уый хӕйрӕджджын ӕмӕ сӕрхъӕн у. Цы йӕм хъусут?»
Выбор основного перевода