Уыдон куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой ӕгомыг хӕйрӕджджыны.
Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд ӕгомыг дзурын райдыдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуы ӕрцыди».
Бирӕтӕ Мын уыцы бон зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ не 'вдыстам?"