Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ай хъӕддӕсныйы фырт нӕу, мыййаг? Йӕ Мад Мариа нӕ хуыйны? Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе 'фсымӕртӕ не сты? Ай хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт, Иаковы, Иосифы, Иудӕйы ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр? Йӕ хотӕ дӕр ам, не 'хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл не 'ууӕндыдысты. Уый фӕстӕ Йесо Йӕ Мадимӕ, Йе 'фсымӕртимӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыд Капернауммӕ ӕмӕ дзы фесты цалдӕр боны. Суанг Ыл Йе 'фсымӕртӕ дӕр не 'ууӕндыдысты. Сеппӕт дӕр иудадзыг куывтой ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕмзӕрдӕйӕ; семӕ ма уыдысты сылгоймӕгтӕ, стӕй Йесойы Мад Мариа ӕмӕ Йе 'фсымӕртӕ.
Выбор основного перевода