Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕцӕг уын зӕгъын: Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн тӕрхоны бон уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕни. Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн Йӕ Фыды намысимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дуне. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ ӕлгъаг кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы неппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй судзы. Ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм нӕ Хицауӕн – Фыдӕн, ӕмӕ дзы ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр. Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ хъуаджы чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи сфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуса, уыдонӕн хорзӕхӕн куыд уой, афтӕ. Стӕй уыл фыддзых, дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ ӕнӕуаг хъазӕн ныхӕстӕ дӕр нӕ фидауынц, уый бӕсты арфӕ кӕнут Хуыцауӕн.
Выбор основного перевода