Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы сбон, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сеппӕт дӕр бауынаффӕ кодтой Йесойы тыххӕй, цӕмӕй Йӕ раттой амарынмӕ. Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды цавӕр хъаруйӕ кӕныс ӕппӕт уыдӕттӕ? Афтӕ кӕныны бар Дын чи радта?» Йесо алы бон дӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ адӕмы хистӕртӕ хъавыдысты амарынмӕ, Уӕд иудейтӕ зилын райдыдтой Йесойы фӕдыл, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй кодта, уый тыххӕй. Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.
Выбор основного перевода