Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви? Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут. Акӕсут-ма халӕттӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр сын гонтӕ ӕмӕ хордӕттӕ ис, ӕмӕ сӕ Хуыцау хӕссы. Сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй! Уый уайтӕккӕ сдзӕбӕх, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ райдыдта цӕуын. Уыцы хъуыддаг ӕрцыд сабаты. Кӕд Моисейы Ӕгъдау нӕ фехалыны сӕраппонд адӕймагӕн сабаты скӕнынц сунӕт, уӕд Ӕз сабаты рынчыны къахӕй-къухмӕ кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм смӕсты стут? Йесо сыджыт куы сызмӕста ӕмӕ йын дзы йӕ цӕстытӕ куы байсӕрста, уӕд сабат уыд.
Выбор основного перевода